Ирыстойнаг богалтӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты турниры

© Пресс-служба Минспорта Северной ОсетииИрыстойнаг богалтӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты турниры
Ирыстойнаг богалтӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментӕ архайдтой фондз дисциплинӕйы ӕмӕ рамбылдтой 38 сыгъзӕрин, 19 ӕвзист ӕмӕ 22 бронзӕйон майданы

ЦХИНВАЛ, 8 окт - Sputnik. Спортсментӕ Цӕгат ирыстонӕй рамбылдтой 79 хорзӕхы ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты дунейы чемпионаты ӕвзарӕн турниры, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Хуссарирыстойнаг богалтӕ ахызтысты дунейы чемпионатмӕ ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богалтӕ ахызтысты дунейы чемпионатмӕ ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй

Ирон спортсментӕ архайдтой фондз дисциплинӕйы ӕмӕ рамбылдтой 38 сыгъзӕрин, 19 ӕвзист ӕмӕ 22 бронзӕйон майданы.

Командӕ бацӕттӕ кодтой тренертӕ – Ӕлборты Таймураз, Таймӕзты Игорь, Цӕллагаты Хуссейн, Кочораты Ахполат, Гасанбеков Ибрагим, Абрамов Антон.

Амйӕразмӕ хуссарирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой фондз хорзӕхы ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдты VII дунейы чемпионаты ӕвзарӕн этапыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0