Цыппар хъӕбысӕйхӕцӕджы Ирыстонӕй хайад райсдзысты дунейы фыццагады Венгрийы

© Пресс-служба Минспорта Северной ОсетииЦыппар хъӕбысӕйхӕцӕджы Ирыстонӕй хайад райсдзысты дунейы фыццагады Венгрийы
Цыппар хъӕбысӕйхӕцӕджы Ирыстонӕй хайад райсдзысты дунейы фыццагады Венгрийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, цы ран хайад райсдзысты 23 азы кары спортсментӕ, уагъд цӕудзысты 28-ӕй 30-ӕм октябрмӕ Будапешты

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Уалыты Чермен, Уалыты Радик, Цӕкулаты Батырбег ӕмӕ Голоты Виталий хъахъхъӕндзысты Уӕрӕсейы кад дунейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй U-23, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Рæмонаты Сослан раздæхт гауызмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан раздæхт гауызмæ

Ерыстӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд цӕудзысты 28-ӕй 30-ӕм октябрмӕ Будапешты.

Уӕрӕсейы командӕйы сконд арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы чемпионат, Гран-при "Иван Ярыгин-2019", "Мемориала Гусова"-йы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, афтӕ ма цӕттӕкӕнӕн рӕвдзы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, кӕцы ацы бонты уагъд цӕуы Адлеры Александр Карелины номыл центры.

Ног хабӕртты лентӕ
0