Дыууæ цхинвайлаг боксеры стох кæндзысты æппæтуæрæсейон ерысты

CC0 / / Дыууæ цхинвайлаг боксеры стох кæндзысты æппæтуæрæсейон ерысты
Дыууæ цхинвайлаг боксеры стох кæндзысты æппæтуæрæсейон ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонæй раразмæгон æрцыдысты Гæджиты Гурам æмæ Ӕлборты Сослан, уыдон дыууæ дæр уыдысты Уæрæсейы фыццагады финалисттæ

ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры хайад райсдзысты æхсæнад "Локомотив"-ы æппæтуæрæсейон ерысты. Турниры уæлахиз фадат дæтты Уæрæсейы фыццагадмæ æвзæрст рацæуын, фехъусын кодта Sputnik спортсментæй иуы тренер Санахъоты Аслан.

Ерыстæ цæудзысты Ставрополы крайы станица Суворовскоейы.

"Хуссар Иры тыхджындæр боксертæй дыууæ - Гæджиты Гурам æмæ Ӕлборты Сослан стох кæндзысты ерысты. Ацы турниры уæлахиздзауæн фадат уыдзæн Уæрæсейы фыццагамæ бахизынæн. Гæджиты Гурам уымæй размæ дæр рацыд æвзæрст, фæлæ Ӕлборты Сослан уæлдай ахсджийаг у рамбулын", - загъта Санахъоты Аслан.

Дыууæ лæппу дæр уыдысты Уæрæсейы фыццагады финалисттæ.

Турнир цæудзæн 28 октябрæйп 2 ноябрьмæ. Гæджиты Гурамы цæттæ кæны Дзигойты Ацæмæз æмæ Ӕлборты Сосланы та Санахъоты Аслан.

Ног хабӕртты лентӕ
0