Цхинвайлаг уæзисæг рамбылдта Дунейы кубок

© Из архива тренера А.ПлиеваЦхинвайлаг уæзисæг рамбылдта Дунейы кубок
Цхинвайлаг уæзисæг рамбылдта Дунейы кубок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы кубокыл тохы бацыд 400 спортсмены бæрц, Икъаты Сæрмæт расгуыхт 285 килограммы уæз сисгæй

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг, Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы кусæг Икъаты Сæрмæт ссис Мæскуыйы уагъд цӕуӕг Дунейы кубокы абсолютон уæлахиздзау пауэрлифтингæй, фехъусын кодта Sputnik штангисты тренер Плиты Артур.

Ерыстæ цыдысты Мæскуыйы 26-27 октябры, турниры архайдтой 400 спортсмены бæрц Уæрæсе, Беларусь, Куба, Эстони, Инди, Иран æмæ æндæр бæстæтæй.

"Икъаты Сæрмæт дунейон ерысты систа 285 килограмм дисциплина "становая тяга"-йы, ацы æнтыстæй уый ссис абсолютон чемпион – ома турниры иууыл стырдæр уæз уый басаста. Ацы хатт дæр та аккаг æмвæзадыл равдыста Хуссар Иры уæззау атлетикæйы скъола æмæ йæ куыстуат Паддзахадон хъахъхъæнынады службæ", - загъта Плиты Артур.

Тренер ма бузныджы ныхæстæ загъта, президент Бибылты Анатолий, спорты комитеты кусыджытæ Тыбылты Чермен æмæ Бестауты Черменæн æмæ депутат Бибылты Ацæмæзæн сæ балц сорганизаци кæныны тыххæй æмæ финансон æххуысы оххыл.

Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта Европæйы Кубок

Икъаты Сæрмæт тох кæны 125 кг уæзы пауэрлифтингы дисциплинæйы. Спорты ацы хуызы архайы 18 фæстæмæ. Цыппар азмæ уымæн батыст рамбулын 50–мæ æввахс фыццаг бынаты хицæн æмвæзады ерысты.

Цхинвалы спортсмены цæттæ кæнынц уæззау атлетикæйы скъолайы тренертæ Плиты Артур æмæ Габаты Ацæмæз. Скъолайæн разамынад дæтты Советон Гуырдзыстоны бирæ хатты чемпион, æхсæнадæмон классы спорты мастер уæззау атлетикæйæ Тасойты Олег.

Ног хабӕртты лентӕ
0