Цхинвалы боксерты командæ тох кæны Цæгат Иры ерысты

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы командæ тох кæны Цæгат Иры ерысты боксæй
Цхинвалы командæ тох кæны Цæгат Иры ерысты боксæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорды сконды тох кæны 30 боксерæй фылдæр, тохтæ цæудзысты фондз боны дæргъы æмæ æнтыстджындæртæ ацæудзысты бæрзонддæр æмвæзады ерыстæм

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры боксы æппæт секциты хъомылгæнинæгты иумæйаг къорд хайад исы Цæгат Ирыстоны чемпионат æмæ фыццагады. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фидар цæуы æмбырдгонд командæ, фехъусын кодта Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты кусæг Бестауты Чермен.

Ерысты æдæппæт архайынц 300 боксерæй фылдæр.

Дзауы ахицæн ис боксы турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ боны тохтæ, 20 уæлахиздзау æмæ ныййарæджы фæдзæхст: Дзауы ахицæн ис боксы турнир

"Цæгат Ирыстоны чемпионат æмæ фыццагады Хуссар Ирыстонæй архайынц 30 спортсменæй фылдæр, уыдонæй цыппар чемпионаты архайджытæ - Тыбылты Александр, Уалыты Аслан, Бекъойты Азæмæт æмæ Терашвили Лейла. Ӕнтыстджындæртæ бахаудзысты æмбырдгондмæ æмæ сын фадат уыдзæн бæрзонддæр æмвæзады ерысты тох кæнын", - загъта Бестауты Чермен.

Ерыстæ райдыдтой 22 декабры æмæ ахицæн уыдзысты 26-мы.

Ног хабӕртты лентӕ
0