"Бокс – мæ цард": Гасситы Мурæт æрдзырдта йæ нывæзт, Мæскуы æмæ Ирыстоныл

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурæт
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд спортсмен куыд радзырдта, афтæмæй йæ нывæзты ис баиу кæнын æртæ роны æмæ иууыл стырдæр уæзы абсолютон чемпион суæвын

ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурæт сдзуапп кодта журналитты фарстытæн алæвæрд "Не о боях"-ы фæлгæтты, кæцы æнгомдæр зонгæ кæны спортуарзджыты сæ уарзон спортсментимæ.

Боксер æрдзырдта йæ сабибонтыл, спортивон нывæзтыл, футболы, Мæскуыйыл, стæй ма цы хъæуы Ирыстоны саразын, уыдæттыл.

Сабибонтæ æмæ боксы тыххæй

Гасситы Мурæт радзырдта, йæ зæрдæмæ кæй цæуы адæмы нæмын æмæ йын йæхи дæр куы нæмынц.

"Бокс — мæ цард у. Фæнды мæ баулæфын æмæ стæй суæвын стыр уæзы чемпион, уый фæстæ та биу кæнын æртæ роны æмæ иууыл стырдæр уæзы чемпион суæвын", - банысан кодта спортсмен.

Кæмæй тæрсы

Йæ ныхæстæм гæсгæ, тас æнкъары æрмæстдæр йæ тренер Абель Санчесы раз.

"Америкæйы ис иу демон — йæ мыггаг Санчес. Уымæй тæрсын. Мах нæхæдæг цæуæм дуканимæ, цæттæ кæнæм аходæн. Уый у мексиканец, фæлæ нæ уарзы судзаг", - загъта спортсмен.

Мæскуыйы тыххæй

Мурæты ныхæстæм гæсгæ, столицæйы тыхызмæлд йæ зæрдæмæ нæ цæуы, уый уарзы сабырдæр горæттæ.

"Цылдæр хъуыддаг дын куы уа горæты, уæд байрæджы кæндзынæ. Тыхызмæлд дзы бирæ ис. Мæ зæрдæмæ цæуынц сабырдæр горæттæ, куыд Дзæуджыхъæу", - загъта Мурæт.

Цы хъæуы Ирыстоны аразын

Фыццаг рады, экс-чемпионы ныхæстæм гæсгæ, хъæуы бахæрын уæлибыхтæ, бынæттон цыхтытæ æмæ бæгæны, стæй та ацæуын хæхтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0