"Сыгъзæрин кæсаг": Цхинвалы ацæудзæн ерыстæ ленк кæнынæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ацæудзысты ерыстæ ленк кæнынæй
Цхинвалы ацæудзысты ерыстæ ленк кæнынæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бынæттон ерысты фæстæ Хуссар Иры ленкгæнджытæ та архайдзысты турнирты Казань æмæ Ессентукийы

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ленк кæныны федераци хоны 2020 азы фыццаг турнир "Золотая рыбка"-йы фыццаг этапмæ. Ерыстæ цæудзысты дыууæ кары категориты ʻхсæн, хъусын кæны спорты галуан "Олимп"-ы пресс-службæ.

Турнир уадзы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет Хуссар Иры ленк кæныны федерациимæ иумæ.

"Ерыстæ цæудзысты дыууæ азы категорийы ʻхсæн. Кæстæртæ - 2009 азы гурыд спортсментæ æмæ хистæртæ та 2008 азы гуырдтæ. Турнир ацæудзæн 26 январы Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Ног мæйы та спортсментæ хайад райсдзысты фæсарæйнаг ерысты.

"8-9 февралы нæ командæ стох кæндзæн горæт Ессентукийы уагъд цæуæг турниры. Йæ архайджытæ уыдзысты 2009-2010 æзты гуырд чызджытæ æмæ 2007-2008 æзты гуырд лæппутæ. Нывæзты уыдзæн æртæ хуызы дистанцийы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Иры 9-15 азы кары спортсментæ та афæндарст уыдзысты Казаньмæ, уым 15-16 февралы цæудзысты ерыстæ "Mad Wave Classic".

Ног хабӕртты лентӕ
0