Хуссарирыстойнаг ленкгæнджытæ хайад райсдзысты Ессентукы ерысты

© Sputnik / Наталья АйриянМежрегиональные соревнования по плаванию "Mad Wave Кавказ"
Межрегиональные соревнования по плаванию Mad Wave Кавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг ерыстæм спортсментæ балцæгтæ райстой бынæттон турнирты рæстæджы æнтыстыты руаджы

ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссарирыстойнаг ленкгæнджытæ хайад райсдзысты сгуыхт тренер Александр Клюкины номыл ерысты Есентукы, фехъусын кодта Sputnik республикæйы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Цхинвалы ацæудзысты ерыстæ ленк кæнынæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сыгъзæрин кæсаг": Цхинвалы ацæудзæн ерыстæ ленк кæнынæй
Ерыстæ цæудзысты 8-9 февралы, хайад сæ исдзысты 10-12-аздзыд чызджытæ æмæ 12-13-аздзыд лæппутæ.

"Ерысты программæмæ хаст сты комплексон хуызы 100 метрмæ ленк кæнын, æмæ 200 метрмæ та сæрибар хуызы. Афтæ ма спортсментæн сæхи фæндонмæ гæсгæ сæ бон у ноджы 50 метртæ аленк кæнын", - загъта Терлеева.

Фæстæдæр, 15-16 февралы та цхинвайлаг спорсментæ хайад райсдзысты горæт Казаны уагъдцæуæг "Mad Wav Classic"-ерысты. Ам хайад исдзысты республикæйы 13 спорсмены 9 - 15 азы кары.

Терлеева куыд банысан кодта, афтæмæй ацы ерыстæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн сты тынг популярон.

Ног хабӕртты лентӕ
0