Хуссар Иры боксерты командæ стох кæндзæн Минводты турниры

© Sputnik / Из архива А. ДзигоеваХуссар Иры боксерты командæ стох кæндзæн Минводты турниры
Хуссар Иры боксерты командæ стох кæндзæн Минводты турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстæм абалц сты 10-12 азы кары сывæллæттæ, сæ фылдæрæн уый уыдзæн уазæгуаты тох кæныны фыццаг фæлтæрддзинад

ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны кæстæр кары æмбырдгонд командæ боксæй афæндарст ис Минводты гом турнирмæ. Къорды сконды ис 22 боксеры, фехъусын кодта Sputnik тренер Дзигойты Ацæмæз.

Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майдан Минводты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майданы Минводты

Хуссар Иры кад хъахъхъӕндзысты республикӕйы æппæт секцитæй боксертæ.

"Тохтæ райдайдзысты майрæмбоны. Кæстæр къорды спортсментæ сты командæйы, уыдонæн сæ ахадгæ хай нырма фæсарæнты турниры никуы архайдта", - загъта тренер.

Ерыстæ цæудзысты 13-15 марты 2008-2009 æмæ 2010-2011 æзты гуырд спортсменты хсæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0