Фылдӕр рӕстӕг цӕттӕ кӕнынӕн: Богъиты Вадим Олимпиадӕ аргъӕвыны тыххӕй

Рафыссын
Олимпиаг чемпион Богиты Вадим загъта йӕ хъуыды Олимпиаг хъӕзтытӕ арвгъӕвыны фӕдыл пандемийы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Олимпиаг хъӕзтытӕ иу азмӕ кӕй аргъӕвтой, уый нӕ бандавдзӕн Уӕрӕсейы командӕйы уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджыты тренировкӕтыл, уыдонӕн фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн цӕттӕкӕнынадӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik Олимпиаг хъӕзтыты чемпион Атлантайы 1996 азы Богъиты Вадим.

Дунейы чемпионат футболӕй ConIFA-2020 аивтой коронавирусы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дунейы чемпионат футболӕй ConIFA-2020 аивтой коронавирусы тыххӕй

"Спортсментӕ цӕттӕ кодтой ацы ерыстӕм, фӕлӕ, хъыгагӕн, афтӕ рауад. Уым тӕссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ спортсментӕ алы зындзинӕдтыл дӕр фӕтых уыдзысты. Уыдон фылдӕр тренировкӕ кӕндзысты, фылдӕр рӕстӕг сын уыдзӕн цӕттӕкӕнынадӕн", - загъта Богъиты Вадим.

Амӕйразмӕ Ӕхсӕнадӕмон Олимпиаг комитеты сӕргълӕууӕг Томас Бах ӕмӕ Японийы премьер-министр Синдзо Абэ фехъусын кодтой Олимпиаг хъӕзтытӕ аргъӕвыны фӕдыл иу азмӕ коронавирусы пандемийы тыххӕй. Хъӕзтытӕ хъуамӕ ацыдаиккой 24 июлӕй 9 августмӕ Токиойы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 423 мин адӕймаджы 184 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 18 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0