Ирыстойнаг профессионалон боксер: фӕнды мӕ тагъддӕр рахизын рингмӕ

© instagram/alankhugaevХуыгаты Алан
Хуыгаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмен ӕнувыд тренировкӕ кодта карантины рӕстӕджы, фӕлӕ хӕдзары ахуыртӕ нӕй гӕнӕн барын фӕлтӕрд тренеры къухдариуӕгады бын тренировкӕтимӕ

ЦХИНВАЛ, 5 мая – Sputnik, Хъылымбегты Азӕмӕт. Ирон боксер-профессионал Хуыгаты Алан радзырдта Sputnik, тагъддӕр ӕй кӕй фӕнды бахизын раздӕры формӕйы.

Алан тренировкӕ кӕны дзӕуджыхъӕуккаг боксерон клуб "Ариана"-йы сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын. Боксеры уырны, 11 майы фӕстӕ, Уӕрӕсейы майы бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ коронавирусы фӕдыл расидгӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ куы фӕуой, уӕд сног кӕндзысты сӕ куыст спортивон залтӕ ӕмӕ клубтӕ.

"Ӕз нӕуидӕр дӕн ӕмбӕлон фомӕйы, фӕлӕ мӕ фӕнды райдайын ӕххӕст тренировкӕтӕ ӕмӕ тагъддӕр ауадзын тох", - загъта Хуыгаты Алан.

Карантины рӕстӕджы боксер улӕфгӕ нӕ кодта, куыд йӕ бон уыд, афтӕ ӕххӕст кодта тренировкӕты режим.

Ринг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улӕфт нӕй: ирон боксертӕ-профессионалтӕ тренировкӕ кӕнынц карантинмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ

Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй, 21 марты Хуыгаты Аланӕн хъуамӕ ацыдаид йӕ 11-ӕм тох "Лига ставок. Битва на Кавказе" турниры фӕлгӕтты спортивон галуан "Манеж"-ы Дзӕуджыхъӕуы. Афтӕ ма уыцы турниры хайад хъуамӕ райстаиккой Дзукъаты Давид ӕмӕ Чилӕхсаты Георгий.

"Хъыг мын уыд, мӕ тохы датӕ куы аргъӕвтой, уымӕн ӕмӕ уыдтӕн иттӕг хорз цӕттӕ. Фӕлӕ алкуыдӕр хъӕуы агурын хорздзинад. Ногӕй тренировкӕтӕ куы райдайон, уӕд бахиздзӕн ноджы хуыздӕр формӕйы. Мӕ радон тохы датӕ нырма бӕрӕг нӕу, уырны мӕ, тагъд рӕстӕджы йӕ кӕй сорганизаци кӕндзысты", - загъта Хуыгаты Алан.

Алан архайы 63 килограммы уӕзы категорийы. Боксер ис 20-ӕм бынатыл Уӕрӕсейы Боксы федерацийы рейтингы йӕхи уӕзы категорийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0