Гасситы Мурæты дебют суперуæззау уæзы гæнæн ис ацæуа фæззæджы Сочийы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурæт
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕты дебют суперуæззау уæзы хъуамӕ ацыдаит 2019 азы, фӕлӕ йӕ бахъыг дардтой травмӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Дунейы экс-чемпион боксӕй WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕты дебют суперуæззау уæзы гæнæн ис ацæуа фæззæджы Сочийы. Уый тыххæй фехъусын кодта УФ Боксы федерацийы сӕргълӕууӕг Умар Кремлев, фыссы 15-æм регион.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты тох аивтой коронавирусы тыххӕй

"Ойы, Мурæты (Гасситы) тох фæнд кæнæм ауадзын Сочийы казинотæй иуы. Фæлæ уый сæрды нæ уыдзæн", - загъта Кремлев.

Гасситы Мурӕты дебют суперуæззау уæзы хъуамӕ ацыдаит 2019 азы, фӕлӕ йӕ бахъыг дардтой травмӕтӕ. Фӕстӕдӕр та йӕ бон не ссис ауадзын ныхмӕлӕуд мӕгуырау цӕттӕгӕнӕн лагеры тыххӕй.

Ӕдӕппӕт 26-аздзыд ирон боксеры хӕзнадоны ис 26 уӕлахизы (19 нокаутӕй) ӕмӕ иу фембылд.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0