Хуссар Иры хуыздӕр боксерты фӕхуыдтой рӕвдзытӕм Знауыры дзюдойы скъоламӕ

© Из личного архива Ацамаза ДзигоеваХуссар Иры хуыздӕр боксерты фӕхуыдтой сбортӕм Знауыры дзюдойы скъоламӕ
Хуссар Иры хуыздӕр боксерты фӕхуыдтой сбортӕм Знауыры дзюдойы скъоламӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсментӕ фыццаг хатт уадзынц цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ бынаты - ацы аз коронавирусы апарахаты тасӕй тобӕтӕ фадат нӕ радтой ацӕуын фӕсарӕнтӕм

ЦХИНВАЛ, 17 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕнтыстджындӕр боксерты къорд цӕуынц цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ Знауыры дзюдойы скъолайы бындурыл.

Спортсментӕ фыццаг хатт уадзынц ахуыртӕ бынаты, фехъусын кодта Sputnik боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

"Дӕсӕм августӕй цӕуынц ахуыртӕ Знауыры дзюдойы скъолайы бындурыл. Ис дзы нывыл уавӕртӕ, боксертӕ фидар кӕнынц сӕ физикон цӕттӕдзинад. ",- загъта Кокойты Ирбег.

Къорды сконды сты иууыл ӕнтыстджындӕр спортсментӕ Хуссар Ирыстоны ӕппӕт боксы секцитӕй, ӕдӕппӕт 20 адӕймаджы. Уыдонӕн сӕ ахуыртӕ балхынцъ уыдзысты 20-ӕм августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0