Цхинвайлаг шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ирӕй шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер
Хуссар Ирӕй шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны шахматтты Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий ацыд дыккаг бынатыл, ерысты призтыл тох кодтой 22 хъазӕджы

ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг шахматист Саулохты Георгий ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕды социализацийы центры кубокы онлайн хъазты ӕвзист призер.

Саулохты Георгий у Хуссар Ирыстоны шахматты федерацийы разамонӕг, у Хуссар Ирыстоны республикон ерысты цалдӕр хатты уӕлахиздзау ӕмӕ призер.

"Ерыстӕ цыдысты фыццаг хатт, карантины аххосӕй сӕ ауагътой онлайн форматы. Уыд блиц турнир - иу цыды рӕстӕг у ӕртӕ минут ӕмӕ дыууӕ секунды", - загъта Sputnik ерысты призер.

Онлайн турнир ахицӕн ис хуыцаубоны изӕры. Ерысты уӕлахиздзау ссис Агкаты Артур, бронзӕйон призер та - Вадим Морозов. Ӕдӕппӕтӕй хъазты архайдта 22 хъазӕджы.

© Центр социализации молодежиХуссар Ирӕй шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер
Цхинвайлаг шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирӕй шахматист ссис Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон турниры призер
Ног хабӕртты лентӕ
0