Цхинвайлаг боксер ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер

© Из архива тренера Гамлета ГабараеваЦхинвайлаг боксер ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер
Цхинвайлаг боксер ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бестауты Аслан ныр дыккаг хатт хайад исы ацы ерысты ӕмӕ дыууӕ хатты дӕр бацахста призон бынӕттӕ

ЦХИНВАЛ, 5 окт –Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг боксер Бестауты Аслан ссис ӕхсӕнадӕмон турниры бронзӕйон призер Абхазы республикӕйы. Лӕппу турниры фӕлгӕтты ауагъта цыппар тохы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Гӕбӕраты Гамлет.

Абхазы ӕхсӕнадӕмон турнир, кӕцы нывонд у бӕстӕйы Леоны ордены кавалер, Советон цӕдисы спорты мастер Георгий Блабы рухс номӕн, цыд 29 сентябрӕй фӕндзӕм октябрьмӕ абхазаг горӕт Пицундайы.

"Дыууӕ тохы рамбылдта, ӕртыккаг фембӕлд та, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацыд ӕмдыхӕй, фӕлӕ тӕрхонгӕнджытӕ ныхмӕлӕуд скъуыддзагӕй уӕлахиз радтой уӕрӕсейаг спортсменӕн, кӕцы у Уӕрӕсейы фыццагады призер. Нӕ хъомылгӕнинаг хорз равдыста йӕхи - иуӕй уыд бӕрзонд ӕмвӕзады турнир, стӕй нӕ спортсментӕ рагӕй нал архайдтой турнирты, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ хорз тох кодта", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Бестауты Аслан ныр дыккаг хатт хайад исы ацы ерысты, дыууӕ хатты дӕр бацахста призон бынӕттӕ.

Спортсмены Цхинвалы цӕттӕ кӕны Гӕбӕраты Гамлет, Цӕгат Ирыстоны ис тренертӕ Плиты Роберт ӕмӕ Козаты Таймураз.

Хуссар Ирыстонӕй турнирмӕ раразмӕгонд ӕрцыд дыууӕ спортсмены - Ян Яралов ӕмӕ Бестауты Аслан. Фыццаджы Абхазаг арӕнтӕй раздӕхтой, хуссарирыстойнаг паспортимӕ кӕй уыд, уый аххосагӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0