Хуссарирыстойнаг боксер ссис Абхазы турниры уæлахиздзау

Рафыссын
Хуриты Рубен ауагъта æртæ тохы æмæ æртæйæ дæр рахызт уæлахиздзауæй. Боксеры тренер радзырдта, цавæр миниуджытæ баххуыс кодтой лæппуйæн рингыл

ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссарирыстойнаг боксер Хуриты Рубен ауагъта æртæ уæлахизхæссæг тохы фæсивæды хсæн æхсæнадæмон турниры Абхазы. Уый тыххæй Sputnik радзырдта боксеры тренер Кокойты Хъазбег.

Цхинвайлаг боксер ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксер ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер

Советон Цæдисы спорты мастер Георгий Блабы мысæн турнир æрæмбырд кодта 600 онг спортсмены Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейæ.

"Уый размæ та Рубен рамбылдта ЦКФЗ чемпионат, стæй уый фæстæ æрæвнæлдтам Абхазы ерыстæм цæттæ кæнынмæ. Уый ауагъта тынг ирд æртæ тохы, йæ ныхмæлæуджытæй уыд бирæ цæттæдæр. Уæрæсейы æмбырдгонды тренер дæр æй рахицæн кодта куыд тынг тыхджын боксер, нокаутеры, афтæ", - радзырдта Кокойты Хъазбег.

Тренер банысан кодта, ныр та Рутены кæй цæттæ кæнынц профессионалон рингмæ.

"Йæ кармæ куы бацæуа, уæд æй снысан кæндзыстæм профессионалтæм. Лæппу у тынг намысджын, нысанмæздæхт, ис æм алы миниуджытæ дæр, цæмæй схиза бæрзонд къæпхæнмæ профессионалон боксы", - загъта уый.

Кокойты Хъазбег ма бахахх кодта, йæ къухдариуæгады бын ма кæй цæттæ кæнынц ноджы цалдæр перспекктивон боксеры, кæцыты ном дæр нырма айхъуысдзæн Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0