Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад

© Фото из архива тренера Артура ПлиеваХуссарирыстойнаг уӕзисӕг рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад
Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Наниты Арсен рамбылдта ерысты сызгъæрин майдан æмæ сӕвӕрдта Уæрæсейы рекорд 181 килограмм уӕзсисгӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Наниты Арсен рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад уӕззау атлетикӕйӕ юниорты хсӕн. Уыимӕ иумӕ ма лӕппу сӕвӕрдта рекорд 181 кг сисгӕйӕ "рывокы", фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Плиты Артур.

Наниты Арсен райгуырд спортивон бинонты хсӕн, ацы спорты йӕ фыд Викторӕн уыд ахадгӕдӕр ӕнтыстытӕ. Лӕппу у горӕт Къуайсайӕ рацӕугӕ.

"Наниты Арсен рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад юниорты хсӕн, уый систа дыууӕ хуызы ерысты 388 кг, уыдонӕй 207 "толчокӕй" ӕмӕ 181 та "рывокы". Дыккаг хатдзӕгӕй уый басаста Уӕрӕсейы рекорд", - загъта Плиты Артур.

Ерыстӕ цыдысты 5-12 октябры Владимиры областы. Лӕппуйы ма Плиты Артурӕй дарддӕр цӕттӕ кӕнынц Наниты Алан ӕмӕ Гаглойты Сослан.

Тренер ма радзырдта йӕ аннӕ хъомылгӕнинаг Джиоты Александры тыххӕй - уый та йӕхи сфӕлвӕрдта ерысты конкурсон программӕйы ӕнӕархайгӕйӕ.

Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Кӕсӕбиты Майрам сӕвӕрдта Уӕрӕсейы ног рекордтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Кӕсӕбиты Майрӕм сӕвӕрдта Уӕрӕсейы ног рекордтӕ

"Джиоты Александрӕн йӕ кармӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ уыд ерысты ӕмсӕр архайӕг суӕвын, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сӕвӕрдта авд рекорды. Йӕ хатдзӕгтӕ фидар ӕрцыдысты протоколты куыд уыцы кары спортсменты хсӕн ног ӕнтыстытӕ. Фӕстӕдӕр сӕ хъуамӕ сфӕлхатт кӕна Уӕрӕсейы фыццагады йӕхи кары спортсменты хсӕн", - бафтыдта Плиты Артур.

Джиоты Александры Цхинвалы цӕттӕ кӕныныц Плиты Артур ӕмӕ Габайты Ацӕмӕз. Цӕттӕкӕнӕн куыстыты иу хай та цӕуы Юграйы.

Спортсментæн ерысты хайад райсынæн æмархайд кодтой спорты комитет, финансон æххуыс сын бакодта президент Бибылты Анатолий.

Ерысты хайад райстой Уӕрӕсейы 500 хуыздӕр спортсмены.

Ног хабӕртты лентӕ
0