Ӕввахс рæстæджы рабæрæг уыдзæн УФ æмбырдгонды сконд Олимпиаг хъæзтыты - Тедеты Дзамболат

Рафыссын
Тренер куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы чемпионаты фадат фæцис  спортсменты цæттæдзинадæн саргъ кæнынæн

ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Уæгъдибар хъæбысæйхæцджытæн Олимпиаг хъæзтыты размæ алы старт дæр ахсджиаг у, загъта УФ национ командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, хъусын кæны 15 регион.

"Уавæр ахæм у, æмæ дунейы чемпионат ацæудзæн дунейы сæрмагонд Кубокы фæлгæты, кæронбæттæнон уынаффæ скъуыддзаг æрцыд. Уый та нысан кæны, цæттæ кæнын нæ кæй хъæуы, уымæн æмæ Олимпиаг хъæзтыты размæ алы старт дæр ахсджиаг у, турниртæ та къæлиндары абоны бон бирæ нæй", — загъта уый.

Тренер куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы чемпионаты фадат фæцис  спортсменты цæттæдзинадæн саргъ кæнынæн.

Хуыгаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыгаты Алан ссис Уӕрӕсейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Йæ ныхасмæ ма бафтыдта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы Уæрæсейы æмбырдон командæ хъуамæ ауадза дыууæ цæттæгæнæн æмбырды.

"Спортсменты цæттæдзинадæн саргъ кæндзыстæм. Фæстæдæр тренерты сконд рахæсдзæн уынаффæ, Белградмæ чи ацæудзæн, уый тыххæй, бындурæн ист æрцæудзæн октябры мæйы Уæрæсейы чемпионат Наро-Фоминскы", — бахахх кодта Тедеты Дзамболат.

Уый баныфс æвæрдта, цалдæр къуырийы дæргъы командæйы сконд кæй рабæрæг уыдзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0