Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ ссисты Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ

© Photo : Пресс-служба Минспорта РСО-А.Уӕрӕсейы фыццагад уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй
Уӕрӕсейы фыццагад уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Наниты Славик ссис ӕвзист майданы хицау, бронзӕйон майдантӕ сӕ уӕзы категориты райстой Бӕдоаты Астик ӕмӕ Секъинаты Георгий

ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik. Ирон богалтӕ Наниты Славик, Бӕдоаты Астик ӕмӕ Секъинаты Георгий ссисты Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 23 азы кары онг спортсменты хсӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Наниты Славик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ахызт Уӕрӕсейы фыццагады финалмӕ

Уӕрӕсейы фыцйцагад 23 азы кары онг спортсменты хсӕн райдыдта 30 ноябры. Дунейы чемпионат ацы кары коронавирусон арӕнӕвӕрдты тыххӕй аивтой, фӕлӕ мидӕггагон ерыстӕ ацы кары уӕддӕр ауагътой.

Наниты Славик 86 килограммы уӕзы категорийы фембылд дагестайнаг спортсмен Аманулла Расуловӕн ӕмӕ ссис ӕвзист майданы хицау. Турниры бронзӕйон майдантӕ райстой Бӕдоаты Астик ӕмӕ Секъинаты Георгий.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Уӕрӕсейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Багаты Алан (Ирыстон) ӕмӕ Бабули Цолоевы (Мӕхъӕл) хсӕн тох фӕцис хылӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0