Ирон боксер Гасситы Мурат загъта, кӕд рахиздзӕн иннӕ хатт рингмӕ

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæИрон боксер Гасситы Мурат
Ирон боксер Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕззау уӕзы йӕ дебютон тох Гасситы Мурат ауагъта албайнаг Нури Сефериимӕ ӕмӕ йӕ арвыста нокауты фыццаг раунды

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik. Зындгонд ирон боксер Гасситы Мурат йӕ интервьюйы РИА Новости радзырдта, кӕд рахиздзӕн радон хатт рингмӕ, афтӕ ма Нури Сефериим йӕ тохы тыххӕй. Боксеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕ кӕнын райдайдзӕн январы фыццаг бонты, ӕмӕ радтон тох та развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацӕудзӕн уалдзӕджы.

"Ӕвӕццӕгӕн март-апрелы ауадздзӕн мӕ радон ныхмӕлӕуд. Ногазон бӕрӕгбонты фӕстӕ райдайдзӕн цӕттӕ кӕнын. Ныртӕккӕ дӕр хъахъхъӕнын мӕ формӕ, фӕлӕ серьезон тренировкӕтӕ нырма нӕ райдыдтон", - загъта спортсмен.
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы Боксы федерацийы сӕрдары уырны, Гасситы Мурӕт реваншы кӕй рамбулдзӕн Усикы

Уый ма бафтыдта, цӕттӕ кӕныны фыццаг этап ӕй кӕй фӕнды рацӕуын хӕдзары тренер Сланты Виталиимӕ, спарингтӕм та ацӕуид Америкӕмӕ Абель Санчесмӕ.

Гасситы Мурат банысан кодта, америкӕйаг специалист ын  Нури Сефериимӕ тохӕн кӕй саргъ кодта куыд "иттӕг хорз".

Гасситы Мурат уӕззау уӕзы дебют ауагъта дыууӕазон паузӕйы фӕстӕ. Уый йӕ ныхмӕлӕууӕг Нури Сеферийы арвыста нокауты фыццаг раунды 47 секундыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0