Хуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер

© Photo : FacebookХуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер
Хуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Рафыссын
Чызджыты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Цхуырбаты Зема ӕмӕ Зассеты Элина, стӕй ма хореограф Дзабиты Зӕринӕ

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ "Ир-Олимп Арион" рамбылдта Ставрополы крайы Кубокы ӕвзист майдан, фехъусын кодта Sputnik аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйӕ Федерацийы разамонӕг Цхуырбаты Зема.

"Уый уыд нӕ фыццаг ралӕуд карантины фӕстӕ ӕмӕ ацы аз. Ӕппӕт тобӕтӕ цы рӕстӕг архайдтой, уыцы ӕмгъуыд цӕттӕ кодтам ног нывӕзт ӕмӕ йӕ ныр ерысты фыццаг хатт равдыстам. Хорз хатдзӕг райстам, стӕм райгонд", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, разӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы вазыгджын нывӕзт.

"Уынгӕг график нын ис, кӕд нын пандемийы фӕдыл уавӕр нӕ бандава, уӕд ӕрвыл мӕй дӕр нывӕндӕм архайын ерысты", - бафтыдта уый.

Командӕ "Ир-Олимп Арион" сконды архайдтой аст чызджы 12-14 азы кары.

© Photo : FacebookХуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер
Хуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Хуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер
Ног хабӕртты лентӕ
0