Цхинвайлаг штангисттӕ cсисты Цӕгат Ирыстоны фыццагады призертӕ

© Sputnik / Юлия ЧестноваХуссар Иры уӕззау атлетикӕйы минӕвӕрттӕ cсисты Цӕгат Иры фыццагады призертӕ
Хуссар Иры уӕззау атлетикӕйы минӕвӕрттӕ cсисты Цӕгат Иры фыццагады призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2021
Рафыссын
Призон бынӕттӕ бацахстой Сиукъаты Ричард, Пӕррӕстаты Хасан, Багаты Георгий, Багаты Александр ӕмӕ Бестауты Руслан

ЦХИНВАЛ, 15 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны уӕззау атлетикӕйы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ cсисты Цӕгат Ирыстоны фыццагады призертӕ. Цхинвайлаг командӕйы хӕзнадоны ис ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕйон майданы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренертӕй сӕ иу Плиты Артур.

Цхинвайлаг командӕ Цӕгат Ирыстоны фыццагады бавдыстгод уыд ӕхсӕз тренеры хъомылгӕнинӕгтӕй.

"Мӕ хъомылгӕнинаг Сиукъаты Ричард ссис дыккаг призер. Уый равдыста иттӕг хорз хатдзӕг, цӕттӕ йӕ кӕнын ӕрмӕстдӕр иу азӕй чысыл фылдӕр. Уӕздан сывӕллоны номмӕ ма бафтыд хорз спортсмены ном дӕр", - загъта Плиты Артур.

Уый ма бафтыдта, йӕ коллегӕты хъомылгӕнинӕгтӕн дӕр кӕй уыд хорз ралӕудтӕ.

Икъаты Сӕрмӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2020
Хуссар Иры уӕзисӕг рамбылдта Европæйы Кубок

"Пӕррӕстаты Андрей ӕмӕ Дыгъуызты Алены спортсмен Пӕррӕстаты Хасан райста дыккаг бынат, уый дыууӕ хуызы ерысты систа 100 кг. Дыккаг призер ма у Кӕсӕбиты Иналы хъомылгӕнинаг Багаты Георгий дӕр, уый та басаста 117 кг уӕз", - бафтыдта уый.

Ноджы ма фӕйнӕ бронзӕйон хорзӕхы та райстой тренертӕ Кӕсӕбиты Александр ӕмӕ Тасойты Олегы спортсментӕ - Багаты Александр ӕмӕ Бестауты Руслан.

Тренер ма радзырдта, Тасойты Олегы спортсмен Бестауты Родион кӕй равдыста хорз хатдзӕг - ацы ерысты систа 12 кг фылдӕр.

Цӕгат Ирыстоны фыццагад уӕззау атлетикӕйы цыд 13-14 февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0