Хуссар Иры боксертæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагад æмæ ЦКФЗ ерысты

© Pixabay / Pharaoh_EZYPTХуссар Иры спортсментæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагад æмæ ЦКФЗ ерысты
Хуссар Иры спортсментæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагад æмæ ЦКФЗ ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Рафыссын
Республикæйы спортивон кад хицæн æмвæзады ерысты хъахъхъæндзысты Цхуырбаты Арсен, Гатыгкоты Аслан, Санахъоты Андрей æмæ Гуыцмӕзты Руслан ӕмӕ Тамерлан

ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон фӕсивӕдон Боксы скъолайы минӕвӕрттӕ Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады апрелы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта скъолайы директор Кокойты Мурӕт.

Лӕппутӕ сты 14 азы кары, цӕттӕгӕнӕн ахуыры сты 7 апрелӕй фӕстӕмӕ. 22 апрелы фӕудзысты сбортӕ ӕмӕ сӕ хӕдфӕстӕ райдайдзысты ерыстӕ.

"Ӕрӕджы скъолайы хъомылгӕнинаг Гӕджиты Гурамы къухы бафтыд стыр ӕнтыст - рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад. Уым мах иу уысм дӕр нӕ дызӕрдыг кодтам. Ацы дыууӕ лӕппу дӕр сты хорз цӕттӕ ӕмӕ тагъд се 'нтыстытыл дӕр цин кӕндзыстӕм", - загъта Кокойты Мурӕт.

Директор банысан кодта, ноджы ма ӕртӕ боксеры та сӕхи кӕй цӕттӕ кӕнынц Цӕгат Кавказы федералон зылды тохтӕм.

Гæджиты Гурам рамбылдта Уæрæсейы фыццагады æвзист боксæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2019
Гæджиты Гурам рамбылдта Уæрæсейы фыццагады æвзист майдан боксæй

"Дзӕуджыхъӕуы сборты сты Санахъоты Андрей, Гуыцмӕзты Руслан ӕмӕ Тамерлан. Уыдон сӕхи цӕттӕ кӕнынц ЦКФЗ-мӕ. Ерыстӕ цӕудзысты Черкесскы 25 апрелы. Ам фӕсивӕд ӕвзӕрст цӕудзысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ", - бафтыдта уый.

Скъолайы разамонӕг ма ӕрдзырдта уавӕрты тыххӕй дӕр.

"Хъыгагӕн, скъолайӕн йӕхи сӕрмагонд бӕстыхай кӕй нӕй, уый тыххӕй тренертӕ кусын фӕндзӕм скъолайы, Спорты галуан "Олимп"-ы ӕмӕ спорты скъолайы къуымты. Фӕлӕ уӕддӕр хорз хатдзӕгтӕ ӕвдисынц нӕ фӕсивӕд", - балхынцъ кодта уый.

Ранымайгӕ спортсментимӕ кусынц Дзигойты Ацӕмӕз, Куымӕридтаты Родион ӕмӕ Тедеты Александр.

Ног хабӕртты лентӕ
0