Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ӕхсӕнрегионалон турниры Пензӕйы

© Федерация плавания РЮОХуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ӕхсӕнрегионалон турниры Пензӕйы
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ӕхсӕнрегионалон турниры Пензӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Рафыссын
Ленк кӕныны сывӕллӕтты лиги "Поволжье"-йы ӕхсӕнрегионалон ерысты фыццаг бон хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ рамбылдтой ӕхсӕз майданы

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ерысты фыццаг бон рамбылдтой ӕхсӕз майданы Пензӕйы турниры, фехъусын кодта ленк кӕныны республиколн федерацийы сӕргълӕууӕг Евгения Терлеева.

Ленк кӕныны сывӕллӕтты лиги "Поволжье"-йы ӕхсӕнрегионалон ерысты, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы Хъайтар Марина Плотниковайӕн, Хуссар Ирыстонӕй архайы 14 спортсмены.

Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады

"50 метры дистанцийы баттерфляййӕ ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Уалыты Даяна, Тыджыты Диана ӕмӕ Тасойты Арсен. Тыджыты Диана ма ноджы комплексон ленккӕныны (200 метры) дӕр ссис дыккаг", - банысан кодта Терлеева.

Уымӕй дарддӕр ма бронзӕйон майданты хицӕуттӕ баисты Уалыты Тамила ӕмӕ Лылыты Арсен.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц Пензӕйы областы спорт ӕмӕ физикон культурӕйы комитеты ӕмӕ ӕхсӕнадон организаци  "Федерация плавания Пензенской области"-йы хъӕппӕрисӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0