Хуссарирыстойнаг боксер ауагъта ӕнтыстджын дебют Европӕйы фыццагады

© Из архива тренера А. ДзигоеваГӕджиты Гурам
Гӕджиты Гурам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Рафыссын
Гӕджиты Гурам Европӕйы фыццагады йӕ фыццаг тохы ссис уӕлахиздзау, уый уайтагъд фыццаг раунды йӕ ныхмӕлӕууӕджы ӕртӕ хатты арвыста нокдауны

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссарирыстойнаг боксер Гӕджиты Гурам Европӕйы фыццагады йӕ фыццаг тохы рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Хорватийӕ Келенч Мауройы техникон нокаутӕй, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

Гӕджиты Гурам уайтагъд фыццаг раунды йӕ ныхмӕлӕууӕджы ӕртӕ хатты арвыста нокдауны, уый фӕстӕ тох ӕрурӕдтой ӕмӕ банымадтой ирон боксеры уӕлахиз.

"Уӕрӕсейы фыццагады фӕстӕ Гурам ауагъта дыууӕ сборы командӕимӕ. Дыккаджы фӕстӕ уый уайтагъддӕр атахт Мӕскуыйӕ Европӕйы фыццагадмӕ", - загъта тренер.

Дзигойты Ацӕмӕз ма фехъусын кодта, боксер йӕ дыккаг тох та кӕй ауадздзӕн цыппӕрӕмы, ӕвӕццӕгӕн йӕ ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн беларусаг спортсмен.

"Гурам хорз цӕттӕ у. Уый у тыхджын ӕмӕ техникон ӕгъдауӕй арӕхстджын боксер. Мах уырны йӕ уӕлахиз", - дзуры спортсмены тренер.

16 азы онг кары спорсменты хсӕн Европӕйы фыццагады Гӕджиты Гурам архайы 66 килограммы онг уӕзы категорийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0