Хуссарирыстойнаг богал Бестауты Андрей ссис дунейы фыццагады призер

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Иры богал Бестауты Андрей ссис юниорты фыццагады призер
Хуссар Иры богал Бестауты Андрей ссис юниорты фыццагады призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2021
Рафыссын
Ӕртыккаг бынатыл тохы иууыл стырдæр уæзы категорийы спортсмен рамбылдта америкайаг Уайт Хендриксоны 7:3 хыгъдæй

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Хуссарирыстойнаг уæгъдибар стилы богал Бестауты Андрей ссис дунейы фыццагады бронзæйон призер 21 азы онг кары фæсивæды хсæн, хъусын кæны республикæйы спорт æмæ фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты пресс-службæ.

Цхинвайлаг богал Бестауты Андрей рамбылдта Цæгат Иры чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2019
Цхинвайлаг богал Бестауты Андрей рамбылдта Цæгат Иры чемпионат

Гуырахстджын ерыстæ 54 бæстæйы тыхджындæр спортсменты хайадистæй балхынцъ сты горæт Уфайы (Башкири) æртыццæджы.

"Ӕртыккаг бынатыл тохы 125 килограммы уæзы категорийы тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг рамбылдта америкайаг богал Уайт Хендриксоны 7:3 хыгъдæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны иннæ минæвар та, хъыгагæн, нæ ахызт финалон тохтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0