Хуссары Иры уӕлыстъол теннисы тренертӕ рацыдысты ахуыртӕ тӕрхонгӕнджыты семинарты

© Из архива М. ДжиоеваХуссары Иры уӕлыстъол теннисы тренертӕ рацыдысты ахуыртӕ тӕрхонгӕнджыты семинарты
Хуссары Иры уӕлыстъол теннисы тренертӕ рацыдысты ахуыртӕ тӕрхонгӕнджыты семинарты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2021
Рафыссын
Нӕ спортивон делегацийы сконды уыдысты тренертӕ Куыдзеты Игорь, Елбачиты Ирина, Ведмедерия Максим, Касаты Изетта, Касаты Лариса ӕмӕ Джиоты Мириан

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕлыстъол теннисы тренертӕ хайад райстой Нальчикы спорты ацы хуызы ӕппӕтуӕрӕсеон семинары, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы разамонӕг Джиоты Мириан.

Ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕ цыдысты 18-19 августы.

"Ногӕй ӕмӕ цымыдисонӕй бирӕ базыдтам, фӕстӕдӕр райсдзысты сертификаттӕ дӕр",- загъта уый.

Уый ма бузныг загъта, ацӕуынӕн сын чи баххуыс кодта, уыдонӕн - премьер Бекъойты Геннадий, Хуссар Ирыстоны базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Гогинов Таймураз ӕмӕ ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим.

Нӕ спортивон делегацийы сконды уыдысты тренертӕ Куыдзеты Игорь, Елбачиты Ирина, Ведмедерия Максим, Касаты Изетта ӕмӕ Касаты Лариса ӕмӕ Джиоты Мириан.

© Из архива М. ДжиоеваХуссары Иры уӕлыстъол теннисы тренертӕ рацыдысты ахуыртӕ тӕрхонгӕнджытӕн семинартӕ
Хуссары Иры уӕлыстъол теннисы тренертӕ рацыдысты ахуыртӕ тӕрхонгӕнджыты семинарты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2021
Хуссары Иры уӕлыстъол теннисы тренертӕ рацыдысты ахуыртӕ тӕрхонгӕнджытӕн семинартӕ

Фыццаг хатт ахӕм курсыты хайад исыны фадат фӕзынд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргӕнӕг, тренер Къуыдзеты Игорӕн. Канд ног зонындзинӕдтӕ нӕ, фӕлӕ ма уый ам сфидар кодта хорз бастдзинӕдтӕ.

"Ацы форумы рӕстӕджы мӕхи фӕхатыдтӕн ногдзауӕй. Уӕлыстъол теннис афтӕ тагъд размӕ цӕуы, ивынц хъазты фӕткойтӕ, бирӕ цымыдисон ӕмӕ пайдаджын мӕхицӕн райстон. Стӕй ацы семинары уыд бирӕ тренертӕ", - загъта уый.

Хуссар Иры теннисисттӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2021
Хуссар Иры теннисисттӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ма радтой фӕлварӕн категоритӕн.

"Нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ уый фӕстӕ ӕрвыст ӕрцӕуынц Уӕрӕсейы уӕлыстъол теннисы федерацимӕ. Уым кӕннад сбӕлвырд кӕнынц категори, науӕд та бахъӕудзӕн ногӕй дӕттын фӕлварӕн. Категоритӕ фадат дӕттынц уӕрӕсейаг ӕмвӕзады ерысты тӕрхонгӕнӕгӕй архайынӕн", - бафтыдта уый.

Ахуыр кӕныны фадӕттӕ фӕуӕрӕх уыдзысты Хуссар Ирыстоны бынатмӕ куы хоной специалистты, нымайы тренер.

"Ӕхсӕнадӕмон категорийы тренер Алонцев Вячеславы фӕхуыдтон Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй уый бынаты бакуса бынӕттонтимӕ. Ацы фарстыл ӕввахс рӕстӕджы баныхас кӕндзӕн ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадимимӕ",- балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0