Хуссар Иры боксертӕ бацыдысты "Юность России"-йы призтыл тохы

CC0 / / Бокс
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2021
Рафыссын
Уалыты Сослан, Яралов Ян ӕмӕ Коцты Артур сты республикӕйы 15 азы кары иууыл хуыздӕр цӕттӕ боксертӕ
ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон боксертӕ бацыдысты егъау спортивон турнир "Юность России"-йы призтыл тохы. Ерыстӕм раразмӕ кодтой 15 азы кары республикӕйы цӕттӕдӕр минӕвӕртты. Уый тыххаей фехъусын кодта Sputnik Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.
Хуссар Иры боксертӕ рамбылдтой ӕртӕ сызгъӕрин майданы Калининграды турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2021
Хуссар Иры боксертӕ рамбылдтой ӕртӕ сызгъӕрин майданы Калининграды турниры
Ерыстӕ райдыдтой къуырисӕры, Хуссар Иры ӕртӕ минӕвар сты бынаты.
"Уалыты Сослан, Яралов Ян ӕмӕ Коцты Артурӕй ӕвӕрӕм стыр ныфс. Хорз цӕттӕ сты, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хорз фӕстиуджытӕм", - загъта Кокойты Ирбег.
Уый ма бафтыдта, фӕсивӕдӕн ахсджиаг у рамбулын ацы турнир, уымӕн ӕмӕ сын дӕтты фадат азы сӕйраг ерыстӕм балцӕг райсын.
"Уӕлахиздзауӕн фадат лӕвӕрд цӕуы Уӕрӕсейы фыццагады стох кӕнын. Ис дзы стыр конкуренци - 207 архайӕджы", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0