Ансамбль "Ирон" уӕлахизимӕ ӕрыздӕхт ӕхсӕнадӕмон фестивалӕй

Рафыссын
Цхинвалы Театралон фӕзуаты цытджын уавӕры сӕмбӕлдысты Хуссарирыстойнаг сывӕллӕтты кафты ансамбль "Ирон"-ыл.

Ансамблы коллектив уӕлахизимӕ ‘рыздӕхт Сочийы цӕуӕг II ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Сау денджызы Олимп"-ӕй. Хуссар Ирыстон уырдыгӕй ӕрхаста сӕйраг приз — кафты номинацийы Гран-При.

Фестивалы цхинвайлаг сывӕллӕттӕ сӕ арӕхстдзидад равдыстой ӕртӕ кафты — "Симд", "Хӕххон кафт", "Ирон ӕркафт", ӕмӕ уый хыгъд разындысты иууыл ӕнтыстджындӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0