Цхинвалы турниры сӕ тыхтӕ ӕвзарынц 54 боксеры

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 25 азы юбилейы цытӕн Цхинвалы уагъд цӕуы ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй. Сӕ тыхтӕ ӕвзарынц 54 боксеры Ставрополы край, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирӕй.

Турин бакӕныны цытджын церемонийы айзӕлд РХИ ӕмӕ УФ паддзахадон гимнтӕ.

Сортивон мадзал се сфӕлдыстадӕй барӕсугъд кодтой зарӕггӕнджытӕ Харебаты Вадим ӕмӕ Хъабалоты Руслан.

Ерыстӕ уагъд цӕудзысты дыууӕ боны дӕргъы дыууӕ кары категорийы. Ӕдӕппӕтӕй, хицӕн уӕзы категориты, турнир рабӕрӕг кӕндзӕн 14 уӕлахиздзауы.

Афтӕ ма уӕлахизмӕ тырнынады тыххӕй ӕмӕ хуыздӕр техинкӕйы тыххӕй дӕр хорзӕхджын ӕрцӕудзысты ӕвзонг боксертӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0