Ӕхсӕз уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны фӕмард сты аварийы, цауы бынаты ист кадртӕ

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Цхинвал æмæ Хъанцелты хъæуы æхсæн хæххон фæндагыл былæй ахауд автобус уæрæсейаг æфсæддонтимæ.

Автомобилон колоннæйы сконды автобус офицерты фæцæйласта ахуырадон — методикон ахуыртæм. Фæмард сты 6 офицеры æмæ 16 фылдæр та фесты уæззау цæфтæ. Амæттæгты иууылдæр фæхæццæ кодтой Цхинвалы республикон рынчындонмæ.

Ныртӕккӕ цӕуынц цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ, цӕмӕй фӕцӕфуӕвджытӕй цыппар ӕрцӕуой санитарон эвакуаци Мӕскуымӕ, хъахъхъӕнынады министрады медицинон уагдӕттӕм. Иннӕ зианбаййафджыты та дохтырты уынаффӕмӕ гӕсгӕ аласдзысты Дзӕуджыхъӕуы госпитальмӕ.

Цауы бынаты куыстой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0