"Симд"-ы концерты ирон кафтӕн табугӕнджытӕ фендзысты фондз ног кафты

Рафыссын
Ранӕуæггонд программæйы уыдзысты трагикъон æмæ бæрæгбонон сюжеттимæ кæфтытæ - ирон кафты цыкура - "Симд", "Абхазаг кафт", афтæ ма "Бæрæгбонон Ирыстон", "Ныййарæджы зæрдæ" æмæ "Уарзондзинады кадæг".

Ног кæфтытæ сæвæрыныл коллективимæ кусы æрхонгæ специалист Тедеты Русалан. Уый куыста Цæгат Кавказы бирæ сфæлдыстадон коллективтимæ, ныридæгæн у Гергиты Валерийы номыл Цӕгат

Ирыстоны аивæдты колледжы хореографийы ахуыргæнæг. Йæхӕдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыдæлтæ цардысты Ирыстоны хуссар хай æмæ йын уымӕ гӕсгӕ ӕхсызгон у Цхинвалы кусын.

"Рæстæгмæ мæ æрхуыдтой ансамбльмӕ. Фыццаг хатт æрæфтыдтӕн ардӕм кусынмæ æмæ мæ зæрдæмæ æппæт дæр тынг фæцыд. Иу мæйы æмгъуыдмæ мæхимæ райстон ног кӕфтытӕ сæвæрын бæрн. Хорз, курдиатджын коллектив сты, æрмæстдæр семæ хъæуы кусын", — банысан кодта Тедеты Руслан.

Ныридæгæн та уал коллектив йæхи активонæй цæттæ кæны концертмӕ, къорды баххæстгонд сконд æрвыл бон дӕр цалдæр сахаты репетици кæнынц куыд ног кӕфтытӕ, афтӕ зӕронд номыртӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0