Фенæг лӕджы уынаффӕтӕ зымӕгон фӕндагыл

Рафыссын
Зымӕгон бонты сӕрдыгон шинæтимӕ хӕдтулгӕйыл уӕлдай тӕссаг у аварийы бахауынӕй, уымӕ гӕсгӕ ацы хъуыддагыл хӕрдзтӕ уӕгъды не ‘сты, амоны автоинструктор.

Митуардты ӕмӕ ӕвзӕр зымӕгон боныгъӕдты рӕстӕджы Sputnik хъустард ӕздахы фӕндагон уавӕрмӕ. Цхинвалы арӕх фенӕн вӕййы хӕдтулгӕтӕ сӕрдыгон шинӕтимӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы уый раст нӕу ӕмӕ арӕх ӕркӕны фӕндагон транспортон цаутӕм(ФТЦ).
Уӕрӕсейы 2015 азы 1 январӕй йӕ тыхы бацыд закон, кӕцымӕ гӕсгӕ сӕрдыгон шинӕтыл цы хӕдтулгӕ цӕуы, уыдон шофыртӕ ивар цӕудзысты 500 сомӕй.
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы хистӕр Цхуырбаты Эльбрусы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм цауты тыххӕй Хуссар Ирыстоны закӕттӕ административон бӕрндзинад нӕ домынц.
"Мах дзыллон информацион фӕрӕзты ууылтыл сидӕм шофыртӕм, цӕмӕй ӕмбӕлон хъусдард аздахой сӕ хӕдтулгӕтӕм ӕмӕ ма руадзой фӕндагон транспортон цаутӕ", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0