Присы хъæуы райдыдтой минæтæй сыгъдæг кæныны куыст

Рафыссын
Кæсут видеойы Присы хъæумæ æввахс территори минæтæй ссыгъдæг кæныны фæдыл куыстыты кадртæм

Къуырисæры райсомæй Уæрæсейы УУМ-ы ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы специалисттæ бавнæлдтой минæтæй ссыгъдæг кæныны куысты фыццаг этапмæ "Паук"-ы территорийыл.

Операциты хайад райсдзысты дыууæ робототехникон фæрæзы, кусынц æнæпилотон тæхæг аппараттæ дæр.

30 адæймаджы скондæй центры къорд уыдзæн Хуссар Ирыстоны 80 боны. Уыцы æмгъуыдмæ рæмудзæн æрмæджытæй ссыгъдæггонд æрцæудзæн республикæйы территорийы 20 гектарæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0