Куыд радтой арӕнхалӕг Майя Отинашвилийы гуырдзиаг фарсӕн - видео

Рафыссын
Бакӕсут Sputnik видеойы тӕрхондоны уынаффӕ ӕмӕ Майя Отинашвилийы гуырдзыстойнаг фарсӕн раттыны кадртӕм

Цхинвалы горӕттаг тӕрхондоны дыццӕджы фехъусын кодтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг Майя Отинашвилийы хъуыддаджы фӕдыл уынаффӕ, кӕцыйы ӕрцахстой хуссарирыстойнаг арӕны сӕрты ӕнӕзакононӕй ӕрбахизыны тыххӕй.

Тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй фыдгӕнӕджы дзырдӕй сбадын кӕной ахӕстоны иу азмӕ.

Тӕрхондон уынаффӕ куы хаста, уӕд ӕркаст фӕлмӕнгӕнӕн ӕууӕлтӕм — сылгоймаджы раздӕр никуы ӕрцахстой, басаст йӕ фыдракӕндыл, ӕххуыс кодта фӕдагуырдӕн, афтӕ ма йын ис ӕртӕ ӕнахъом сывӕллоны.

Уынаффӕ рахӕссыны фӕстӕ, сылгоймаджы радтой гуырдзиаг фарсы минӕвӕрттӕн Эргнеты хъӕуы цур.

Ног хабӕртты лентӕ
0