Ивгъуыд азы триумфатортæ: Хуссар Иры кады богалтæ

Рафыссын
Ивгъуыд азы та спорты æнтыстытыл буцахуыр Ирыстонæн ногæй уыд фадат сæрыстыр уæвынæн. Уæгъдибар хъæбысхæсты спортмæ бабырстой æртæ бынæттон лæппуйы – Зассеты Арсæмæг, Бестауты Андрей æмæ Дзæгъиаты Сослан

Зассеты Арсæмæг æмæ Бестауты Андрей Уæрæсейы фыццагады финалы 110 кг уæзы дих кодтой уæлахиздзауы ном. Финалы тыхджындæр уыд Арсæмæг. Уый ацыд "дунемæ", Андрей - "Европæмæ". Ног æмвæзадыл дæр та ссисты уæлахиздзаутæ. Дзæгъиаты Сослан дæр рамбылдта Уæрæсейы фыццагад, фæлæ йын дунейон ерыстæм фысым бæстæ визæ нæ радта.

Уæлахизты фæстæ та лæппутæ ногæй бавнæлдтой цæттæ кæнынмæ сæ тренер Коцты Тамерланы къухдариуæгды бын. Цæттæгæнæн куыст цæуы Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы.

Лæппутæ ног спортивон сезоны юношатæй хизынц фæсивæды категоримæ, стæй ма ивынц сæ уæзтæ дæр – Арсæмæг архайдзæн 97 кг, йе ʻмгар Андрей та йæ ных сæвæрдта 120 кг-мæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0