"Сӕрыстыр сӕ дӕн": Хуссар Иры президент радзырдта йӕ хиуӕтты тыххӕй, кӕцытӕ уыдысты хӕсты

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райста Sputnik пресс-центрты проект "Хӕстон сфарст"-ы. Президент радзырдта йӕ бинонты уӕнгты тыххӕй, кӕцытӕ хайад истой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты

Президент Бибылты Анатолийы хъысмӕты стыр бынат ис йӕ дыууӕ хӕстӕгӕн, кӕцытӕ тох кодтой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты

"Ӕз сӕрыстыр дӕн мӕ хиуӕттӕй, кӕцытӕ хайад истой ацы хӕсты. Мӕ царды ахсджиаг фӕлгонц ис дыууӕ адӕймагӕн, кӕцытӕ мын баххуыс кодтой равзарын мӕ фидӕны професси. Уыдон сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты хайадисджытӕ – мӕ фыды фыды ӕфсымӕр Бибылты Суликъо ӕмӕ ноджы иу ӕввахс хӕстӕг Бибылты Самсон", - загъта президент.

Паддзахады сӕргълӕууӕг радзырдта сабибонты тыххӕй, уыцы рӕстӕг цыдысты йӕ фембӕлдтӕ хӕсты дыууӕ архайӕгимӕ.

Афтӕ ма президент банысан кодта, йӕ райгуырӕн хъӕу – Бибылты хъӕуӕй – Стыр Фыдыбӕстон хӕстмӕ ацыдысты аст адӕймаджы, уыдонӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты йӕ дыууӕ хӕстӕджы Самсон ӕмӕ Суликъо.

"Ӕвӕццӕгӕн бӕрндзинад сӕ разы сбӕрӕг кодта мӕ фидӕны професси дӕр", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Бӕстондӕрӕй Sputnik видеойы.

Стыр уӕлахизы бӕрӕгбоны хӕдразмӕ Sputnik редакцитӕ Белоруси, Абхаз, Кыргызтан, Сомих, Молдова, Гуырдзыстон, Азербайджан, Казахстан ӕмӕ Хуссар Ирыстоны мыхуыр кӕнынц бинонты историтӕ, кӕцытӕ радзырдтой солдаттӕ ӕмӕ офицерты байзӕддӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0