Куыд ӕрцахстой хуссарирыстойнаг нӕлгоймаджы, кӕцы азым цӕуы дыууӕ адӕймаджы амарыны- видео

Рафыссын
Нӕлгоймаджы ӕрцахстой Мӕскуыйы, уый 2000 азӕй фӕстӕмӕ ӕмбӕхст рӕсттӕрхонӕй, бансан кодтой Уӕрӕсейы МХМ. Уагдоны ма лӕмбынӕг радзырдтой 20 азы размӕ хъӕу Уӕллаг Ручъы саразгӕ фыдракӕнды тыххӕй, кӕцыйы аххосджын цӕуы уый

ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik. Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты министрад ныммыхуыр кодта Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ 47-аздзыд нӕлгоймаджы ӕрцахсыны видео, кӕцы азымджын цӕуы 20 азы размӕ йӕ зонгӕ ӕмӕ уый мады амарыны.

Тыхон структурӕйы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, фыдракӕнды зардӕхсайгӕ нӕлгоймаг раивта йӕ документтӕ ӕмӕ ӕмбӕхст Мӕскуыйаг регионы территорийыл. Уый ӕрурӕдтой уӕрӕсейаг уголовон агуырды оперативниктӕ иумӕйаг координацион центрӕй хуссарирыстойнаг коллгӕтимӕ ӕмгуыстады фӕлгӕтты.

УФ МХМ официалон минӕвар Ирина Волк фехъусын кодта фыдракӕнды лыстӕг хӕйттӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2000 азы сентябры Хуссар Ирыстоны хъӕу Уӕллаг Хъемултайы фыдгӕнӕг хылы рӕстӕджы фехста йӕ зонгӕйы лыстӕгкалиберон винтовкӕйӕ.

"Хъӕлӕбамӕ ӕрбалыгъд фӕмардуӕвӕджы мад ӕмӕ бафӕлвӕрдта байсын фыдгӕнӕджы хӕцӕнгарз, фӕлӕ уый дыууӕ хатты фехста сылгоймаджы рдӕм ӕмӕ йӕ фӕцӕф кодта. Уый фӕстӕ ма фигурант ноджы цалдӕр цӕф фӕкодта йӕ оппоненты сӕр ӕмӕ йӕхи бааууон кодта", - радзырдта Волк.

Цӕфтӕй нӕлгоймаг амард. Йӕ мады ма йын фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ, фӕлӕ дохтырты бон нал бацис йӕ фервӕзын кӕнын, бафтыдта уый.

Фыдракӕнды фӕдыл Хуссар Иры МХМ байгом кодтой уголовон хъуыддаг, нӕлгоймаджы радтой агуырдмӕ.

"Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы полицӕйӕгтӕ Росгвардийы ӕххуысӕй ӕрцахстой 47-аздзыд фыдгӕнӕджы Мӕскуыйы. Ацы онформаци адӕттой агуырды инициатортӕм дӕр", - бафтыдта УФ МХМ минӕвар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл уагъд цӕуынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг процессуалон архӕйдтытӕ.

Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй фыдгӕнӕджы дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ ӕрӕрвитдзысты республикӕмӕ, цы ран уый ӕрлӕудзӕн тӕрхондоны раз.

Ног хабӕртты лентӕ
0