Йӕ цардӕй ахицӕн УФ раздӕры премьер-министр Евгений Примаков

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæЕвгений Примаков
Евгений Примаков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы раздӕры премьер- министр ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Евгений Примаков йӕ цардӕй ахицӕн 85 азы кары. Политикы фӕзианы фӕдыл тӕфӕрфӕс ракодта УФ президент Владимир Путин.

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы Федерацийы раздӕры премьер- министр ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Евгений Примаков. Уый фӕдыл президент Владимир Путин ӕрхаста йӕ тӕфӕрфӕстӕ ӕввӕхс хиуӕттӕн, фехъусын кодта РИА Новости УФ президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков.

"Президентӕн фехъусын кодтой Евгений Примаковы фӕзианы зӕрдӕхъыг хабар, уый мӕсӕллӕй кӕны Евгений Примаковы ӕввахс хиуӕттӕн", — загъта журналисттӕн Дмитрий Песков.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Путин тынг хорз зыдта Примаковы, уыд йӕ ӕмтохгӕнӕг.

"Уый уыд паддзахадон адӕймаг, ахуыргонд, политик, кӕцы йӕ фӕстӕ ныууагъта тынг стыр фӕд", — загъта Песков.

Евгений Максимы фырт Примаков райгуырд 1929 азы 29 октябры Киевы.

1996-1998 азты лӕууыд Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг ведомствӕйы сӕргъ. Ӕддагон политикӕйы уыд, афтӕ хуыйнӕг "бирӕполярон" стратегийы автор.

1998-1999 азты уыд Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕрдар.

Премьер уӕвгӕйӕ, йӕ ирддӕр цаутӕй иу уыд АИШ-мӕ йӕ ӕнӕсӕххӕст балц. Уӕд, 1999 азы 24 марты, Евгений Примаков фӕцӕйтахт Вашингтонмӕ. Хӕдтӕхӕг Атлантикӕйы сӕрмӕ куы уыд, уӕд премьерӕн фехъусын кодтой, НАТО кӕй райдыдта Югославийы бомбардировкӕ. Хабар фехъусгӕйӕ, Примаков разилын кодта хӕдтӕхӕг ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрӕздӕхт Мӕскуымӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0