Бибылты Анатолий мӕсӕллӕй кӕны Омскы трагедийы амӕттӕгты хиуӕттӕн

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæОмскы трагеди
Омскы трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спикер Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ сӕрмагондӕй йӕхи номӕй арвыста тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ фӕмардуӕвӕг ӕфсӕддонты хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕн.

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сӕрдар Бибылты Анатолий арвыста тӕфӕрфӕсы тел Омскы ӕрцӕугӕ трагедийы фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы уӕлдӕфон-десантон ӕфсады командӕгӕнӕг, инӕлар-булкъон Владимир Шамановы номыл, хъусын кӕны парламенты сайт.

Трагеди ӕрцыд 12 июлы хӕрзизӕрӕй. Омскаг поселок Светлыйы ныккалд цыппаруӕладзыгон казармӕ, 337 ӕфсӕддон куы фынӕй кодтой, уыцы рӕстӕджы. Пырхӕнты бын фесты 42 ӕфсӕддоны, уыдонӕй 23 фӕмард, иннӕты аластой медицинон уагдӕттӕм.

"Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ сӕрмагондӕй мӕхи номӕй мӕсӕллӕй кӕнын трагикон цауы фӕдыл, цӕй фӕстиуӕгӕн ис удызиӕнттӕ", — дзырдӕуы телы.

Уый ма Омскы УДӔ-йы командӕгӕнӕгӕн арвыста тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ фӕмардуӕвӕг ӕфсӕддонты хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕн, рынчынтӕн та — тагъд сӕ къӕхтыл цы слӕууой, уыцы фӕндиӕгтӕ.

Трагедийы бынаты ныртӕккӕ кусы Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады къамис, президент Владимир Путины регулярон ӕгъдауӕй ифтонг кӕнынц Омскы уавӕры тыххӕй информацийӕ.

Фӕмардуӕвджыты номарынӕн Омскы дыццӕджы расидтысты Фыдохы бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0