Амага Готти равдисдзæн йæ программæ Мариинаг театры

© Амага Готти, архивное фотоОперон зарæггæнæг Амага Готти
Оперон зарæггæнæг Амага Готти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концертмæ оперæйы стъалы йæхи цæттæ кæны Мариинаг театры дирижер Александр Викуловимæ.

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik. Ирон оперон зарæггæнæг Амага Готти равдисдзæн йæ ног программæ Санкт-Петербурджы Мариинаг театры, хъусын кæны РЦИ-А-йы минæварады пресс-службæ Цæгат-ныгуылæйнаг федералон зылды(ЦНФЗ).

Амага Готти у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ, уникалон драмон сопранойы хицау. Зарæггæнæг ныридæгæн ис Уæрæсейы культурон столицæйы æмæ æрæвнæлдта репетицитæм Мариинаг театры дирижер Александр Викуловимæ. Уый цыргъ кæны Вагнеры оперæйæ Ортрудæйы парти.

Амага Готти фембæлдис республикæйы минæвар ЦНФЗ-ы Галазты Борисимæ æмæ Санкт-Петербурджы цæрæг ирæттимæ Наниты Петры сæргълæудæй.

"Уыдон æрдзырдтой зарæггæнæджы сфæлдыстадон проектыл, йæ дипломатон мисси — ирон æмæ æппæтуæрæсейаг культурон традициты рæсугъддзинад æмæ тых адæмы размæ хæссыныл. Бацагайдтам Ирыстоны райрæзты темæ: æрдзырдтам политикæ, экономикæ, кино, аивад æмæ медицинæйыл",—банысан кодтой цæгатирыстойнаг минæварады пресс-службæйы.

Амага Готтимæ ма Мариинаг театры байхъуыста Гергиты Ларисæ. Зарæггæнæг тынг райгондæй баззад иумæйаг куыстæй.

"Уый мын радта бирæ пайдаджын уынаффæтæ, бацамыдта мын ног фадæттæ, цæмæй мæ хъæлæс ноджы фæтыхджындæр уа. Ныртæккæ хайад исын мастер-классты æмæ спектаклты»,— загъта Готти.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йын, йæ куысты стыр æххуыс бакодта Мариинаг театры концертмейстер Дзаттиаты Заринæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0