Гӕджиты Асланы хъысмӕт скуыддзаг кӕндзӕн УФ генералон прокуратура

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæГӕджиты Асланы хъысмӕт скуыддзаг кӕндзӕн УФ генералон прокуратура
Гӕджиты Асланы хъысмӕт скуыддзаг кӕндзӕн УФ генералон прокуратура - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Австриаг тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ криминалон авторитет Джахъо экстрадици ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсемӕ. Уый УФ фӕдысгарӕн комитеты версимӕ гӕсгӕ азым цӕуы заказмӕ гӕсгӕ 60 адӕймаджы амарыны хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Австриаг тӕрхондон рахаста фӕлхаттон уынаффӕ фыдгӕнджыты къорды разамонӕг Гӕджиты Асланы (Джахъо) Уӕрӕсемӕ экстрадицийы фӕдыл. Тӕрхон рахастӕуыд, Уӕрӕсейы генералон прокуратура ныфс куы радта, фыдгӕнӕг Гӕджиты Аслан ӕмбӕлон уавӕрты кӕй уыдзӕн, уый фӕстӕ, хъусын кӕны 15 регион.

Фыдгӕнджыты организацигонд ӕмӕхсӕнады, кӕцыйӕн раздзог уыд Гӕджиты Аслан — Джахъо, Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ азым кӕныц УФ территорийыл заказмӕ гӕсгӕ 60 адӕймаджы амарыны хъуыддаджы. Ӕмӕхсӕнады уӕнгтӕй 13 сты агуырды, 16 ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрхондоны уынаффӕмӕ. Гӕджиты Аслан алыгъд Австримӕ, фӕлӕ йӕ уым ӕрцахстой интерполы минӕвӕрттӕ.

"Фыццаг тӕрхондоны уынаффӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ Джахъойы хъуамӕ раттаиккой Уӕрӕсейӕн, ивд ӕрцыд уӕлдӕр тӕрхондоны фӕндонӕй киллеры хъасты фӕстӕ. Уый фӕстӕ июлы Австри ӕрдомта Уӕрӕсейӕ, криминалон авторитеты бартӕ хъахъхъӕд кӕй цӕудзысты, уый гарантитӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Организацигонд фыдгӕнджыты ӕмӕхсӕнад архайдта активонӕй Мӕскуы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, фыдракӕндты фылдӕр бӕрц арӕзт ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны. Къорды амӕттаг фесты Дзӕуджыхъӕуы мэр, РЦИ-А вице-премьер, барадхъахъхъӕнӕг органты къухдариуӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0