Владимир Путин: Уӕрӕсе дарддӕр дӕр цӕттӕ у Хуссар Ирӕн ӕххуыс кӕнынмӕ

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Путин бӕрзонд аргъ скодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн ӕмцӕдисон ахастыты активон рӕзтӕн.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Владимир Путин раарфӕ кодта Тыбылты Леонидӕн Хуссар Ирыстоны 25 азы юбилейы цытӕн. Арфӕйы телы Уӕрӕсейы паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, "ацы бӕрӕгбон кӕй у хуссарирыстойнаг адӕмы хъӕбатырдзинад ӕмӕ хъæддыхдзинад ӕвдисӕг, кӕцытӕ 25 азы дӕргъы уӕззау тохы бахъахъхъӕдтой сабыр ӕмӕ хӕдбар царды бар".

Путин бӕрзон аргъ скодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн ӕмцӕдисон ахастыты активон рӕзтӕн, кӕцытӕ ӕнцой кӕнынц кӕрӕдзийӕн ӕххуысы ӕмӕ хӕларады традицитыл. Ацы традицитӕ иу кодтой ӕнсуты дӕргъы дыууӕ бӕстӕйы адмӕмты.

Уӕрӕсейы президент банысан кодта, дарддӕр дӕр цӕттӕ кӕй у Хуссар Ирыстонимӕ ӕмархайд кӕнынмӕ националон ӕдасдзинад бахъахъхъӕнын ӕмӕ социалон-экономикон фарстытӕ скуыддзаг кӕныны хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0