Сухумы Уæлахизы боны цытæн уагъд æрцыд "Симд"-ы бæрæгбонон концерт

© Sputnik / Ада БагианСухумы Уæлахизы боны цытæн уагъд æрцыд "Симд"-ы бæрæгбонон концерт
Сухумы Уæлахизы боны цытæн уагъд æрцыд Симд-ы бæрæгбонон концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" хайад райста Уæлахизы боны цытæн бæрæгбонон концерты. "Симд"-ы аивадон къухдариуæггæнæг æмæ кафæгæн лæвæрд æрцыд "Абхазы сгуыхт артисты" ном.

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Бæрæгбонон концерт Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" хайадистимæ уагъд æрцыд Сухумы æртыццæджы, 30 сентябры, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Фыццаг вице-премьер Шамиль Адзынба раарфæ кодта абхазаг адæмæн Уæлахизы боны цытæн.

Хуссарирыстойнаг делегаци хайад исы Абхазы Уæлахизы боны цытджын мадзæлтты

"22 азы у æнæхъæн эпохæ, æнæхъæн фæлтæр. Мах бирæ фыдæбæттæ баййæфтам ацы рæстæджы. Бæстæ аразын æнцон нæу, фæлæ æнцон фæндæгтæ нæ агурæм. Мах равзæрстам нæ хъысмæт 14 августы. Нæ къухмæ хæцæнгарз райстӕй мах сфидар кодтам нæ фæндтæ", — загъта Адзынба.

Уæлахизы боны цытæн ма абхазаг адæмæн раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы минæвар Абхазы республикæйы Семен Григорьев.

Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд" Абхазы Уӕлахизы бон Сухумы ратдзӕн концерт

"Абон у Абхазы сæйраг националон бæрæгбон — хæдбардзинады бон. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин арвыста арфæйы тел абхазы президент Рауль Хаджимбамæ", — банысан кодта минæвар.

Галаты Барисы номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" арæзт æрцыд 1936 азы. Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг ныртæккæ у Саулохты Сергей.

Йæ равзæрды фæстæмæ "Симд" схъомыл кодта тынг бирæ профессионалон музыканттæ, композитортæ, хореографтæ æмæ кафджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0