Хуссар Иры минæварад Уæрæсейы расидт литературон преми

© Sputnik / Зара ВалиеваХуссар Иры минæварад Уæрæсейы
Хуссар Иры минæварад Уæрæсейы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсы хайад райсдзысты куыд зындгонд фысджытӕ, афтӕ ӕвзонг курдиатджын автортæ дӕр, кæцытæ аразынц фыццаг къахдзæфтæ ирон литературæйы.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы расидт литературон преми "Булæмæргъ", фехъусын кодтой Sputnik минӕварады пресс-службӕйы.

Преми расидт ӕрцыд æхсæнадон организаци «Стройцентр»-ы спонсорон æххуысы руаджы ирон æвзаджы райрӕзт æмæ парахат кæныны нысанӕн.

Премийы фӕлгӕтты минӕварад æмгуыст кæндзӕн канд зындгонд фысджытимӕ нæ, фæлæ ма ӕмбӕстӕгты зонгæ кӕндзысты ӕвзонг курдиатджын автортимæ, кæцытæ аразынц фыццаг къахдзæфтæ ирон литературæйы.

"Ныфс нӕ ис, ӕмæ ацы хъæппæрис кӕй фенгомдӕр кæндзæн сфæлдыстадон æхсæнады æмæ хъусдард аздахдзæн æрмæст ирон æвзагыл алы ӕмæ алы жанрты фыссæг автортӕм нæ, фæлæ ма йæ алыварс æрбамбырд кæндзæн зонадон æмæ культурон интеллигенцийы минæвæртты, кæцытӕ ссисты премийы жюрийы уæнгтæ", — банысан кодта РХИ ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр.

Уый ма ныфс бавӕрдта, автортæ конкурсы кӕй равдисдзысты иттӕг хорз зонындзинӕдтӕ канд ирон æвзаджы фарстыты нæ, фæлæ ма авторты идейӕты хигъæдон хъуыды, сæ цымыдисон хуыз, æрмæджы балæвæрды ногдзинæдтæ раиртасыны фарстыты.

Уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцæудзысты æхцайы премитæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0