Федсовет: ÆУТ-ы авторитет баст у Хуссар Иры хæсты равзæрстыл

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæФедерацийы Советы рабадт
Федерацийы Советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ÆУТ æртыццæджы æрæвнæлдта, 2008 азы Хуссар Ирыстоны цы фыдракæндтæ арæзт æрцыдис, уыдон æвзарынмæ. Равзæрстимæ баст у ÆУТ-ы авторитет, нымайы сенатор Франц Клинцевич.

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон (ÆУТ) 2008 азы Хуссар Ирыстоны конфликт куыд равзара, уыимæ баст у ÆУТ-ы авторитет, нымайынц Федерацийы советы.

Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон (ÆУТ) æртыццæджы æрæвнæлдта, 2008 азы Хуссар Ирыстоны хотыхджын конфликты рæстæджы цы фыдракæндтæ арæзт æрцыдис, уыдон æвзарынмæ, дзырдæуы, тæрхондоны официалон сайт цы документ апарахат кодта, уым.

Тасойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Дмитрий: ÆУТ не ‘ййафы хъуагдзинад Гуырдзыйы фыдракæндты бæлвырдгæнæн базæйы

"Уæрæсейы ныфс ис, ацы хъуыддаг æвзæрст кæй æрцæудзæн объективонæй. Уый хъуамæ сараза прецедент, ахæм фыдракæндтæ æнæ бафхæрдæй кæй нæ баззайдзысты. Равзæрстимæ баст у тæрхондонæн йæхи авторитет дæр", — фехъусын кодта журналисттæн Федерацийы советы хъахъхъæнынады комитеты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Франц Клинцевич.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, 2008 азы Хуссар Ирыстоны æфсæддон фыдракæндты равзæрст суыдзæн "иууыл хъуыстгонддæр" хъуыддаг, 2006 азы конкретон хъуыддæгтæм куы æрæвнæлдта, уæдæй фæстæмæ.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы хъуыддаджы ис æртæ хуызы фыдракæндтæ, кæцытæ хауынц ÆУТ-ы юрисдикцимæ: геноцид, адæймагады ныхмæ фыдракæндтæ, æфсæддон фыдракæндтæ", — загъта сенатор.

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады раздæр фехъусын кодтой, Мæскуыйы ныфс кæй ис æмæ ÆУТ объективонæй кæй равзардзæн Хуссар Ирыстоны æрцæугæ æфсæддон фыдракæндтæ. Уæрæсейаг уголовон хъуыддаджы æрмæджытæ 30 томы бæрцæй лæвæрд æрцыдысты ÆУТ-мæ, тæрхондон æмæ УФ-йы æхсæн æмгуыстады фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0