Дард Скӕсӕны ирӕттӕ сарӕзтой Сыгъдӕг Уастырджийы кувӕндон

© Архивное фотоДард Скӕсӕны ирӕттӕ сарӕзтой сыгъдӕг Уастырджийы кувӕндон
Дард Скӕсӕны ирӕттӕ сарӕзтой сыгъдӕг Уастырджийы кувӕндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сыгъдӕг бынатмӕ ӕрхастой зӕхх Цӕгат Ирыстоны Елхоты Уастырджийы дзуарӕй, дур та Хуссар Иры Чеселты хъӕуы кувӕндонӕй. Нырӕй фӕстӕмӕ Дард Скӕсӕны ирон адӕм кувдзысты ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ нысан кӕндзысты Сыгъдӕг Уастырджийы базыры бын.

ЦХИНВАЛ, 25 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы Денджызгӕрон крайы ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ сарӕзтой Сыгъдӕг Уастырджийы кувӕндон. Сыгъдӕг бынатмӕ ӕрхастой сыджыт Цӕгат Ирыстоны зӕххӕй ӕмӕ дзуары дур Хуссар Ирыстонӕй Дзауы районӕй, фехъусын кодта Sputnik телефонӕй Дардскӕсӕйнаг Федералон зылды Хуссар Ирыстоны кадджын консул, Денджызгӕрон крайы ирон ӕхсӕнад "Осетия"-йы сӕргълӕууӕг Деметы Ясон.

Кувӕндон аразджыты фӕндмӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг бынат ӕмбырд кӕндзӕн ирон адӕмы ӕцӕгӕлон зӕххыл.

"Дард Скӕсӕны зӕххыл сарӕзтам нӕхицӕн ирондзинады къуым. Нырӕй фӕстӕмӕ ардӕм ӕмбырд кӕндзысты, сӕ райгуырӕн зӕххӕй дард цы адӕм фӕцыдысты, фӕлӕ сӕ фыдыбӕстӕ рох кӕмӕй нӕу, уыцы ирӕттӕ. Уымӕй дарддӕр ма мах кувӕндоны цытджын баконды бон банымадтам Ирыстоны дыууӕ хайы баиуы боныл", — банысан кодта Деметы Ясон.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Сыгъдӕг Уастырджийы кувӕндон арӕзт ӕрцыд рӕсугъд бынаты, ӕрдзы хъӕбысы. Фӕндагӕн йӕ иннӕ фарс ис фӕлладуадзӕн парк ӕмӕ суадон.

Арӕзтады инициатортӕ уыдысты консул Деметы Ясон, афтӕ ма Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ куырыхон лӕгтӕ Хынцӕгты Чермен, Томайты Алик ӕмӕ Дзабиты Иван.

Денджызгӕрон крайы цӕры 700 ирон адӕймаджы, ис сын хъӕрмуд ахастытӕ кӕрӕдзиимӕ. Ӕрвылаз дӕр нысан кӕнынц националон бӕрӕгбӕттӕ, парахат кӕныц ирон культурӕ ӕмӕ нӕ рох кӕнынц сӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ. Денджызгӕрон крайы ирон ӕхсӕнад "Осетия"-йы архайы мадӕлон ӕвзаджы, националон зарджытӕ ӕмӕ кафджыты кружоктӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0