Пухаты Радион: Бельгийы терактты рæстæджы ирон диаспорæйы уæнгтæ нæ баййæфтой зиан

© AFP 2022 / NICOLAS MAETERLINCK Брюссель
Брюссель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Брюсселы терактты фæстиуæгæн фæмард æмæ фæцæф дæсгай адæймæгтæ. Развæлгъау информацимæ гæсгæ, ирон диаспорæйы уæнгтыл ницы зиан ӕрцыд.

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Брюсселы цæрæг ирæттæй терактты рæстæджы зиан ничи баййæфта, фехъусын кодта ассоциаци "Ренессанс Сæндидзӕн"-ы сæргълæууæг Пухаты Радион.

Брюсселы æхсæнадæмон аэропорт æмæ метройы дыццæджы анæрыд цалдæр срæмыгъды. Фæмард æмæ фæцæф сты дæсгай адæймæгтæ.

"Не ‘мзæххонтæй бирӕтимӕ дзырдтон телефоны, развæлгъау зонæнтæм гæсгæ сыл ницы зиан æрцыд. Фæлæ мын алкæимæ нæ бантыст адзурын, Брюсселы центры телефонтæ хицæн кæй сты, уый тыххæй", — загъта Пухаты Радион.

Иумæйаг уавæрыл дзургæйæ, Пухаты Радион фехъусын кодта, æппæт Бельгийы æмæ сыхаг Голландийы кæй фæтыхджындæр аэропорттæ æмæ æндæр æхсæнадон бынæтты хъахъхъæд, срæмыгъдты бынаты алыварс территорийыл ахицæн кодтой телефонон бастдзинад.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма массон информацийы фæрæзтӕм ис информаци, æхгæд кæй æрцæудзæн Францимæ арæн, афтæ ма дæлзæхх туннелтæ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0