Мауро Мурджа: РХИ минӕвары офисы фӕзынд Италийы у нысаниуӕгджын цау

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæРим
Рим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй Италийы чи ис, уыдонӕн фадат уыдзӕн Минӕвары офисы профессионалон юридикон ӕххуыс райсынӕн, загъта Мурджа.

ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны официалон минӕвары офисы баконд ахъаз уыдзӕн ӕвзонг республикӕйы адӕмӕн сӕ фӕндаг раврзарынӕн ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон нымад паддзахад суӕвынӕн, фехъусын кодта социалон хызӕг Facebook-ы республикӕйы минӕвар Италийы, Итали-Хуссар Ирыстоны хӕларады ӕхсӕнады президент Мауро Мурджа.

Амӕй размӕ ма Мауро Мурджа фехъусын кодта, офис конд кӕй ӕрцӕудзӕн Римы 2 апрелы. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады ацы информаци бафидар кодтой.

"Хуссар Иры политикон цардмӕ йӕ хъус чи дары, уыдон ӕмбарынц, цӕй бӕрц куыст ӕрцыд. Уый ӕцӕг дӕр у нысаниуӕгджын цау", — загъта Мауро Мурджа.

Рим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Римы байгом Хуссар Ирыстоны минæварад

Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, ацы хъуыддагыл тынг кӕй архайдтой бирӕ ӕзты дӕргъы.

Республикӕйы минӕвар Римы банысан кодта, йӕ офисы баконд радон хатт кӕй сбӕлвырд кӕндзӕн РХИ адӕмӕн сӕ фӕндаг раврзарыны ӕмӕ ӕхсӕнӕдӕмон нымад паддзахад суӕвыны бар, Италийӕ радайгӕйӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы цау суыдзӕн фыццаг стыр мадзӕлттӕй иу, "кӕцытӕ схӕсдзысты Хуссар Ирыстоны кадыл Итали ӕмӕ Европӕйы".

"Уый суыдзӕн Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн Италийы гарантитӕ ӕмӕ профессионалон ӕххуысы фыццаг инициативӕ", — ныффыста Мауро Мурджа.

Хуссар Иры официалон минӕвӕрттӕ Италийы фыццаг хатт уыдысты 2013 азы. Уыцы аз Хуссар Ир ӕмӕ Абхаз бахатыдысты Итали ӕмӕ Сан-Мариномӕ сӕ хӕдбардзинӕдтӕ банымайыны тыххӕй, фӕлӕ нырма дзуапп нӕ райстой. Ивгъуыд аз Цхинвал ӕмӕ Италийы цалдӕр горӕты ‘хсӕн фыст ӕрцыд бадзырдтӕ ӕмгуыстады фӕдыл. Италиаг партитимӕ фидар кӕнынц сӕ ахастытӕХуссар Иры политикон баиугӕндтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0