Епископ Леонид ӕруынаффӕ кодта Алани рӕстдиныл бафтауаны 1100 аз банысан кӕныныл

© сайт Владикавказской и Аланской епархииЕпископ Леонид
Епископ Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Епископ Леонид (Горбачев) йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрӕвнӕлдта ивгъуыд майрӕмбоны, 24 июны.

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Епископ Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг Леонид (Горбачев) Мӕскуыйы ӕруынаффӕ кодта Алани чырыстон диныл бафтауаны 1100 аз банысан кӕныныл ӕмӕ епархийы ныры проблемӕтыл, хъусын кӕны епархийы пресс-службӕ.

Епископ Леонид (Горбачев) йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрӕвнӕлдта ивгъуыд майрӕмбоны, 24 июны.

"Eпископ Леонид фӕуазӕг УФ культурӕйы министрадмӕ, цы ран министры хӕдивӕг Николай Малаковимӕ ӕруынаффӕ кодта Х ӕнусы цыртдзӕвӕн — Зругъы хъӕуы Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы дзуар бахъахъхъӕныны фадӕттыл. Уымӕй дарддӕр ма фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд Алагиры Чырыстийы Уæларвмæ Ссæуæны аргъуаны дзӕнгӕрӕг саразыныл дӕр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Мӕскуыйаг Патриархийы хъуыддӕгты управленийы епископ ӕруынаффӕ кодта "Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархийы архайдимӕ баст фарстытыл ӕмӕ Цӕгат Кавказы алайнаг епископаг кафедрӕйы сырӕзтӕй фӕстӕмӕ, Алани чырыстон диныл бафтауаны 1100 аз банысан кӕныныл".

Динамонӕгӕн ма уыд фембӕлдтӕ УФ президенты администрацийы ӕмӕ Культурӕйы министрады федералон паддзахадон уагдон "Центрреставрация"-йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0